25 октября 2024, 10:40
Дзæуджыхъæуы æмæ Минскы Фрунзейы номыл районы хсæн сфидар кодтой хæлар ахастдзинæдтæ
Уый фæдыл бадзырд бафыстой бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав æмæ Фрунзæйаг администрацийы хъуыддæгты разамонæг Алексей Герасимчик
Дзæуджыхъæуы æмæ Минскы Фрунзейы номыл районы хсæн сфидар кодтой хæлар ахастдзинæдтæ. Уый фæдыл бадзырд бафыстой бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав æмæ Фрунзæйаг администрацийы хъуыддæгты разамонæг Алексей Герасимчик. Дыууæ бæрнон кусæджы æрдзырдтой демографийы, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, фæсивæдон политикæйы æмæ æндæр фарстатыл. Белоруссийы делегаци ацы бонты кусæг балцы ис Цæгат Ирыстоны. Фембæлды куыд загътой, афтæмæй ахсджиаг у иумæйагæй архайын. Нæ республикæйы æнтыстджынæй кусы Белоруссийы национ-культурон æхсæнад «Белый аист».
темæмæ гæсгæ




