Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав
Дзæуджыхъæуы æмæ Южный поселочы æрдзон фыдбылызы аххосæй хъыгдард баййæфтой 400 хæдзары онг. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Ахæм æрдзон фæзынд ма нæ республикæйы уыд 2011-æм азы, – фехъусын кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй. Эвакуаци скодтой 18 адæймаджы. Уыдонæй 4 уыдысты сывæллæттæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады разамынд хъуамæ иумæйаг хъарутæй архайой æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæныныл. Республикæйы разамонæг бæрнон ведомствотæн бабар кодта хæдзæрттыл æрзилын æмæ, фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый банымайын. Уымæй дарддæр хъæуы проект бацæттæ кæнын, хъыгдардбаййафджытæн уыцы-иу хатт æхцайæ баххуыс кæныны тыххæй.




