филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
11 марта 2021, 12:10
Дзæуджыхъæуы Æмбырды минæвæрттæ сбæрæг кодтой, скъолаты ахуырдзаутæ тæвд хæринагæй куыд ифтонг сты, уый

Депутаттæ бабæрæг кодтой 4-æм æмæ 11-æм иумæйагахуырадон скъолатæ

Дзæуджыхъæуы Æмбырды минæвæрттæ сбæрæг кодтой, скъолаты ахуырдзаутæ тæвд хæринагæй куыд ифтонг сты, уый. Депутаттæ бабæрæг кодтой 4-æм æмæ 11-æм иумæйагахуырадон скъолатæ. Ацы хатт фипаинæгтæ ницæмæ рхастой. Скъолаты разамонджытæ та, фадатæй спайда кæнгæйæ, аныхас кодтой горæты депутаттимæ, æмæ сын радзырдтой сæ риссагдæр фарстаты тыххæй. Афтæ 4-æм гимназы ракуырдтой сæ зæронд хъæдын рудзгуытæ баивын, æмæ дзы нырыккон пластикæй конд сæвæрын. Уымæй дарддæр ма сæ фæнды хæрæндонæн мигæнæнтæ самал кæнын. 11-æм скъолайы та хъæуы бойлер сцалцæг кæнын æмæ мигæнæнтæхсæн кусæнгарз балхæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania