24 апреля 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы æрныхас кодтой фæсивæды патриотон хъомылдадыл
Мадзал баст уыди «Фыдыбæстæ хъахъхъæныджы афæдз»-имæ
«Ивгъуыдæй абонмæ хъайтары сурæт». Дзæуджыхъæуы æрныхас кодтой фæсивæды патриотон хъомылдадыл. Фембæлды архайдтой Цæгат Ирыстоны пысылмæтты управленийы минæвæрттæ, ирон адæмы Уæлдæр советы уæнгтæ, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фонд», активисттæ, æхсæнадон архайджытæ. Мадзал баст уыди «Фыдыбæстæ хъахъхъæныджы афæдз»-имæ. Пысылмæтты управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг у фæсивæдæн Уæрæсейы историйы тыххæй дзурын, Дыккаг Дунеон æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг
темæмæ гæсгæ




