филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 28 сентября 2024
02 марта 2020, 18:20
Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты 776-æм бæрзæнд бахъахъхъæныны тохы чи фæмарди, уыцы десантон ротæйы службæгæнджыты рухс ном

Горæты администрацийы, патриотон æмæ ветеранты организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ 58-æм æфсады æфсæддонтæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой десантон æфсæдты командæгæнæг, Советон Цæдисы хъæбатыр Василий Маргеловы цыртдзæвæны цур

Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты, 20 азы размæ 776-æм бæрзæнд бахъахъхъæныны тохы чи фæмарди, уыцы десантон ротæйы службæгæнджыты рухс ном. Горæты администрацийы, патриотон æмæ ветеранты организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ 58-æм æфсады æфсæддонтæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой десантон æфсæдты командæгæнæг, Советон Цæдисы хъæбатыр Василий Маргеловы цыртдзæвæны цур. Ротæ тох кодта Цæцæны 2-æм хæстон цауты рæстæг. 1990-æм азы 6-æм ротæ æрлæууыди цæцæйнаг æмæ араббаг фыдгæнджыты ныхмæ. 1-æм мартъийы десантниктæ æмæ фыдгæнджытыл бацайдагъ къухæй хæст. Ротæйы уыди 90 салдаты, фæмарди дзы 84.  Фыдгæнджытæй та фæхъуыди 500 аджæймаджы ног. 6-æм ротæйы ном радтой Дзæуджыхъæуы 14-æм скъолайы 6 «Б» къласæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania