филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
15 марта 2023, 12:08
Дзæуджыхъæуы аивадон училищæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты

Ахуыргæнæндон бабæрæг кодта Дзанайты Барис

Дзæуджыхъæуы аивадон училищæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Ахуыргæнæндон бабæрæг кодта Дзанайты Барис. Премьер аргъ скодта, цы куыстытæ дзы бакæнын хъæуы, уыдонæн. Афтæ хъæуы æппæт коммуникацитæ баивын æмæ мидæггаг куыстытæ бакæнын. Бæстыхай арæзт æрцыд 1914-æм азы. Нымад у культурон бынты объектыл. Ныртæккæ дзы ахуыр кæнынц 167 студенты. Уыимæ канд Цæгат Ирыстоны цæрджытæ не сты, фæлæ ма сыхаг республикæтæй фæсивæд дæр. Училищæйæн йæхи æмдзæрæн нæй. Уымæ гæсгæ ахуыргæнæндоны разамынд курæг у, йæ территорийы дыууæуæладзыгон бæстыхай саразын. Фыццаг уæладзыджы уыдзысты æрмадзтæ æмæ хæрæндон, дыккаджы та æмдзæрæн. Ивгъуыд аз республикон бюджеты фæрæзтæй бантыст ног спортивон зал саразын. Бындуронæй сцалцæг кодтой цалдæр æрмадзы. Сног кодтой хъармгæнæны кусæнгæрзтæ дæр. Ныр та хъæуы материалон-техникон бындур фæхуыздæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania