06 марта 2026, 10:34
Дзæуджыхъæуы Андиаты Сосланы номыл олимпаг резервы скъолайы арæзт æрцыдысты фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ
Турниры архайдтой, 10 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 150 спорстмены
Дзæуджыхъæуы Андиаты Сосланы номыл олимпаг резервы скъолайы арæзт æрцыдысты фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ. Турниры архайдтой, 10 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 150 спорстмены. Бирæ лæппутæн ацы ерыстæ сты фыццаг стыр фæлварæны хуызæн. Стæй ма хорз фадат се спортивон цæттæдзинад тренерты æмæ ныййарджыты раз раргом кæнынæн. Гауызмæ рацыдысты республикæйы хуыздæр спортивон скъолаты æмæ клубты минæвæрттæ. Ерыстæ цыдысты 14 уæзы категорийы. Æвзонг атлетты фарс рахæцынмæ æрбацыд бирæ адæм. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн радтой кубоктæ æмæ майдантæ.




