филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:29 суббота, 11 мая 2024
16 декабря 2022, 10:57
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзæн медицинон реабилитацийы амбулаторон хайад

Инвестициты бæрц уыдзæн 40 милуан сомы бæрц

Медицинон реабилитацийы амбулаторон хайад саразыны фæдыл æмгуыстады бадзырд бафыстой Цæгт Ирыстоны хицауад æмæ æнæххæстбарджын æхсæнад «ПремиумСтрой-Инвест». Документ бафыстой премьер Дзанайты Барис æмæ компанийы генералон директор Иван Лужаев. Инвестицион проектмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзæн амбулаторон хайад, сæрмагондæй йæ астæуыстæг, стæй нервыты системæ хъыгдард кæмæн у, ахæм рынчынтæн медицинон реабилитацийæн. Инвестициты бæрц уыдзæн 40 милуан сомы бæрц. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны разамынд цæттæ у инвесторæн алывæрсыг æххуыс кæнынмæ, уымæн æмæ ахæм æмгуыстадæн ис стыр ахадындзинад. Реабилитацион организаци хъæугæ кæй у, уый тыххæй регионы разамонæг Сергей Меняйло фехъусын кодта Уæрæсейы Президентимæ фембæлды. Архайдзыстæм, цæмæй проект царды уадзын райдайой 2023-æм азы, загъта Хицауады Сæрдар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania