31 января 2026, 10:07
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Иугонд Уæрæсе-йы æрыгон гварди-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады 10-æм конференци
Мадзалы архайдта 28 делегаты, стæй «Æрыгон гварди»-йы федералон координатортæ
Иугонд Уæрæсейы æхсæнадон штабы арæзт æрцыд Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Иугонд Уæрæсе-йы æрыгон гварди-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады 10-æм конференци. Мадзалы архайдта 28 делегаты, стæй «Æрыгон гварди»-йы федералон координатортæ. Конференцийы æрдзырдтой ивгъуыд азы дыккаг æмбисы куысты хатдзæгтыл æмæ равзæрстой регионалон штабы минæвæртты. Активистты схорзæх кодтой кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй.




