Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы æрæмбырд сты республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æртыккаг цæгатирыстойнаг фæсивæдон славайнаг форум. Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы æрæмбырд сты республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Сæрмагондæй уыдонæн бацæттæ кодтой пленарон æмбырд, æмæ дзы архайдтой регионы разамынд, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Ныхас цыд Кавказы цæрæг адæмыхæттыты ахастдзинæдтыл, се хсæн хæлар хъуыддæгтæ парахат кæныныл æмæ сабырдзинад тауыныл. Æмбырды фæстæ форумы архайджытæ адих сты секцитыл. Уым семæ бæстон аныхас кодтой эксперттæ. Дзырдтой Уæрæсейы ахадындзинадыл Цæгат Ирыстоны, æмæ нæ республикæйы уырыссаг æмæ хъазахъхъаг æгъдæуттæ æмæ традицитæ сног кæныныл.




