филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 28 сентября 2024
22 декабря 2020, 11:39
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци «Балæвар кæн бæрæгбон дæхицæн æмæ иннæтæн»

Дзæуджыхъæуы ирыстойнаг районы цæрджыты уарзондæр бынæттæй иу у Сапицкæйы будкæ кæй хонынц, уый

«Балæвар кæн бæрæгбон дæхицæн æмæ иннæтæн». Ахæм сæргондимæ цымыдисаг акцимæ фæхуыдтой не сфæлдыстадон къорды. Дзæуджыхъæуы ирыстойнаг районы цæрджыты уарзондæр бынæттæй иу у Сапицкæйы будкæ кæй хонынц, уый. Алкæддæр хъæздыг уыд йæ æрдзы рæсугъддзинадæй, бæлæсты бирæ хуызтæй. Фæлæ рæстæгмæ хус кæнынц, æмæ хъæды тезгъогæнджытæн систы тæссаг. Уый хынцгæйæ, æхсæнадон архайаг, ацы бынæттæм куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы Хъуыссæты Мæирбег кусы хъæд хус бæлæстæй ссыгъдæг кæныныл, æмæ дзы ног талатæ садзыныл. Ныридæгæн дзы фæзынд 200 ног бæласы. Уыимæ дзы сарæзта спортивон фæз, кæцыйы се нæниздзинад фидардæр кæныныл кусынц адæм.

Ныр та, Ног Азы диссæгтæй хайджын кæны æппæт æрбацæуджыты дæр. Йæ  хъæппæрисæй арæзт æрцыд акци «Балæвар кæн бæрæгбон дæхицæн дæр, æмæ иннæтæн дæр.» Фæззæджы цы нæзы бæлæстæ ныссагътой, уыдон саив кодтой, æмæ æппæт адæмæн дæр сарæзта бæрæгбон. Уæвгæ Хъуыссæйы фырты зæрды ис ам ноджы фылдæр цымыдисаг бынæттæ саразын, адæмы æнцондзинадæн.

Фæлæ бæрæгбон фенкъард, бынаты  бæлæстæй цалдæр лыггондæй куы федтой æрбацæуджытæ, уæд.

Хъуыссæты Мæирбег зæрдиагæй архайы адæмæн æхцондзинад хæссыныл. Йæ фарсмæ цы зæрдæхæлар адæм æрбамбырд кодта, уыдон та йын дæттынц хъару.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania