филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
25 августа 2020, 12:12
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци «Бацæттæ кæн сывæллоны скъоламæ»

Ног хызынтæ канцелярон кусæнгæрзтимæ, скъоладзауты уæлæдарæс æмæ къахыдарæс райстой бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæ

Дзæуджыхъæуы 39-æм скъолайы та 5-æм хатт арæзт æрцыд акци «Бацæттæ кæн сывæллоны скъоламæ». Скъоладзауты уæрæсейаг змæлды волонтертæ сæрды дæргъы агуырдтой спонсорты, куыстой ахуырадон бригадæты, цæмæй баххуыс кæной 160 бинонтæн сæ сывæллæтты ног ахуыры азмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Ног хызынтæ канцелярон кусæнгæрзтимæ, скъоладзауты уæлæдарæс æмæ къахыдарæс райстой бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæ. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ сын ацы æххуыс уыд æнæмæнг хъæугæ æмæ афоныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania