филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:22 пятница, 30 января 2026
30 января 2026, 11:12
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци «Мысæн трамвай»

Баст уыд, Ленинград немыцаг фашисттæй æххæстæй уæгъдгонд кæй æрцыд, уыимæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци «Мысæн трамвай». Баст уыд, Ленинград немыцаг фашисттæй æххæстæй уæгъдгонд кæй æрцыд, уыимæ. Номарæн мадзал саразыныл бакуыста уæрæсейаг æхсæнад «Знание». Скъоладзаутæн арæзт æрцыдысты лекцитæ, абарæн кæмæн нæй, ахæм ретро-трамвайы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы 27-æм январы сбæрæг кодтой Ленинград фашистон блокадæйæ суæгъд кæныны бон. Уый у æппæтæй трагикондæр æмæ зæрдыладарæн рæстæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы. 872 боны Ленинграды цæрджытæ æмæ Сырх Æфсады хæстонтæ тох кодтой знагимæ. Цæгатаг сæйраг сахары цæрджытæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уый иу дзырдæй нæ зæгъдзынæ: æххормаг рæстæг, уазал, знаджы æхстытæ. Фæлæ равдыстой æцæг хъæбатырдзинад. Уый дæнцæгæн хæссинаг у фидæны фæлтæртæн дæр. Архонкæйы станицæйы кадетон къласы ахуырдзаутæ цымыдисæй байхъуыстой хæстон азты зарджытæм. Активондæр фæсивæды схорзæхджын кодтой æхсæнад «Знание»-йы номæй зæрдылдарæн лæвæрттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania