20 июня 2023, 12:52
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд «Газæй æмæ фæздæгæй хъахъхъæнæн службæйы хуыздæр хайад»-ы ном райсыны конкурс-æркасты регионты хсæн дыккаг къæпхæн
Архайдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды 7 субъектæй зынгхуыссынгæнджытæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд «Газæй æмæ фæздæгæй хъахъхъæнæн службæйы хуыздæр хайад»-ы ном райсыны конкурс-æркасты регионты хсæн дыккаг къæпхæн. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды 7 субъектæй зынгхуыссынгæнджытæ. Æдæппæтæй 50 адæймаджы онг. Ерысы программæйы уыд 3 къæпхæны: теоретикон хай, практикон хæслæвæрдтæ – ссарын æмæ ракæнын хъыгдардбаййафæджы, фæздæг кæм ис, ахæм агъуыстæй кæнæ территорийæ, стæй ахуыссын кæнын арт æмæ кæй хъæуы, уымæн фыццаг æххуыс бакæнын. Æппæт практикон хæслæвæрдтæ зынгхуыссынгæнджытæ æххæст кодтой сæрмагонд экипировкæйы. Уымæн та йæ уæз у 20 килограммæй фылдæр.




