филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 вторник, 17 марта 2026
13 ноября 2024, 10:43
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны ерысты къæпхæн хоккейæ

Ерысты архайдтой 5 командæйы, æмæ арвыстой 10 хъазты

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны ерысты къæпхæн хоккейæ, 12 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты хсæн. Ерысты архайдтой 5 командæйы, æмæ арвыстой 10 хъазты. Афтæмæй уæлахиздзаутæ систы командæ «Сочи – 1»-ы æвзонг хоккеисттæ. Турниры фысымтæ «Алайнаг стайтæ» рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ нырма уал сты 4-æм бынаты. Бон раздæр фæхæрдысты дыккаг командæйæн Сочийæ, 2-7 хыгъдæй. Хъæзтытæ цыдысты 7-æмæй – 11-æм ноябрьмæ. Ахæм ерыстæн ис стыр ахадындзинад республикæйы сывæллæтты хоккейы рæзты хъуыддаджы. Стæй ма фадат дæттынц æндæр регионтимæ æмархайд кæнынæн. Турниры къæпхæн арæзт æрцыд ихын аренæ «Тагбан»-ы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм æмвæзады турнир ацы фæзы уыд фыццаг хатт.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania