07 мая 2024, 16:03
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд интеллектуалон хъазт «Это наша победа»
Брейн-рингы темæ баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд интеллектуалон хъазт «Это наша победа». Брейн-рингы темæ баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ. Архайдта дзы 37 командæйы Цæгат Ирыстоны алы районтæй, стæй Цæцæны республикæйæ æмæ Дагестанæй къордтæ. Ацы аз ма, куыд ивгъуыд аз дæр, афтæ хъазтмæ бафтыдтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы темæимæ баст фæрстытæ. Брейн-ринг бацæттæ кодта интеллектуалон клуб «Альбус». Уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодтой кубоктæй, кады гæххæттытæй æмæ лæвæрттæй.
темæмæ гæсгæ