филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
01 марта 2024, 12:01
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд «Ирон адæмы Уæлдæр советы» минæвæртты æмæ Горæтгæрон районы фæсивæды фембæлд

Æмбырды архайджыты хсæн уыд зындгонд спортсмен, Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæстæй иугонд командæйы раздæры сæйраг тренер Тедеты Дзамболат

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд «Ирон адæмы Уæлдæр советы» минæвæртты æмæ Горæтгæрон районы фæсивæды фембæлд. Æмбырды архайджыты хсæн уыд зындгонд спортсмен, Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæстæй иугонд командæйы раздæры сæйраг тренер Тедеты Дзамболат. Фæсивæды минæвæртты хъуыды уыд иу – цæттæ сты республикæйы хистæртæм æнгом æрбалæууынмæ, цæмæй иумæйаг хъарутæй архайой Ирыстоны бæллиццаг фидæныл. Уымæй дарддæр æрдзырдтой сæ риссагдæр фарстатыл дæр. Сæ ахсджиагдæртæ – наркотиктæ чи парахат кæны, уыдонимæ тох, мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ не гъдæуттæ æмæ традицитæ дарддæр æххæст кæнын. Ирон адæмы Уæлдæр советы сæрдар Уататы Зелим куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæйы уавæрты æрмæстдæр иумæ ис рæсугъд фидæныл архайын. Уый тыххæй та хъæуы кæрæдзимæ æрбалæууын, æмæ æркæсинаг хъуыддæгтыл кусын. Æхсæнадон змæлды уæнгтæ сæхимæ фæсивæды ргом дарддæр дæр куы здахой, уæд иумæйаг куыст уыдзæн зынгæ ахадгæдæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ раздæр ахæм фембæлд арæзт æрцыд Уæллаг Фыййагдоны цæрджытимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania