филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:01 суббота, 31 января 2026
19 декабря 2024, 11:07
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон цыллæ кæлмæрзæн быйынæй дæсныйадæвдисæг ахуыр

Ирон цыллæ кæлмæрзæнæн рагзамантæй нырмæ уыд стыр нысаниуæг

Ирон цыллæ кæлмæрзæнæн рагзамантæй нырмæ уыд стыр нысаниуæг. Хъахъхъæдта, чи йæ дардта, уый. Йæ фæрцы уыд бауромын 2 знаджы хсæн ныхмæлæуд. Абон та кæлмæрзæны тых у, йе руаджы фæлтæрты *хсæн бастдзинад хъахъхъæд кæй цæуы, уый. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон цыллæ кæлмæрзæн быйынæй дæсныйадæвдисæг ахуыр. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Традицион ирон цыллæ кæлмæрзæнмæ кæсгæйæ адæймаг цыма ивгъуыдмæ бахауы, уый хуызæн – ахæм сæрбæттæн æрмæст чындзæн куы цæттæ кодтой, уыцы рæстæгмæ. Кæлмæрзæн æвдыста чызджы уæздандзинад, хъахъхъæдта йæ. Цыллæ кæлмæрзæны историйы тыххæй Кочиты Иринæ фæдзуры йæ алы дæсныйадæвдисæг ахуыры дæр.

Ирон кæлмæрзæн быйынæн æндæхтæ æмæ æрмæст фæндон фаг не сты. Ам сæйрагдæр у – фæразондзинад, уымæн æмæ ацы куыст лæмбынæг у. Иу цыппаркъуымон кæлмæрзæн сцæттæ кæныныл 6 мæйæ къаддæр нæ ацæуы. Кочиты Иринæйы кæлмæрзæнтæ сæ хуызæй фыдæлтæм чи уыд, уыдонæй нæ раиртасдзынæ. Хицæн кæнынц æрмæст æндæхты хæрзхъæддзинадæй. Æрмдæсны куыд зæгъы, афтæмæй сæ раздæр кæцытæй кодтой, уыдон бирæ хуыздæр уыдысты.

Ног кæлмæрзæн быйынæй зындæр у зæронд реставраци кæнын. Йемæ хъæуы лæмбынæгдæр кусын. Æппæтæй зындæр у, хуызмæ гæсгæ чи сбæздзæн, ахæм æндах ссарын. Æппæт ацы сусæгдзинæдтæ Иринæ базыдта, нырма скъоладзау уæвгæйæ.

Кочиты Иринæ орнаментимæ хъахъхъæны, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цы традицитæ лæвæрд цыдысты, уыдон. Уымæ гæсгæ йын йæ алы куыст дæр у ахæм ахсджиаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania