09 ноября 2023, 11:30
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд клуб «Хæлар Кавказ»-ы форум
Йæ нысан у ахсджиаг социалон фарстатæ лыг кæныны фæдыл æмархайды фæз саразын, традицион хæзнатæ пропагандæ кæнын, стæй экстремизмы æмæ терроризмы профилактикæ
Цæгат Кавказы фæсивæды æмæ нациты *хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын, æмæ æгъдау бахъахъхъæнын. Ахæм уыд, конфесситы *хсæн клуб «Хæлар Кавказ» æрвылаз цы форум саразы, уый сæйраг темæ. Йæ нысан у ахсджиаг социалон фарстатæ лыг кæныны фæдыл æмархайды фæз саразын, традицион хæзнатæ пропагандæ кæнын, стæй экстремизмы æмæ терроризмы профилактикæ. Фембæлды алы фарстатæ дæр баст уыдысты патриотизмы темæимæ. Форумы архайджыты *хсæн: педагогон кусджытæ, дины минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ.
темæмæ гæсгæ




