филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:17 четверг, 21 ноября 2024
06 декабря 2023, 11:59
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд коллективон монографийы презентаци

Бахастой йæм, нæ республикæйæ рацæуæг, Азербайджаны культурон æмæ политикон царды ирддæр архайджыты

Азербайджаны хъуыстгонд чи сси, ахæм ирон адæм. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд коллективон монографийы презентаци. Бахастой йæм, нæ республикæйæ рацæуæг, Азербайджаны культурон æмæ политикон царды ирддæр архайджыты. Се хсæн ахуыргæндтæ, æфсæддонтæ, дины кусджытæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, политикон архайджытæ. Нæмттæ бирæ. Æмæ сæ алкæцы дæр аккаг бынат бацахста сыхаг бæстæйы историйы азфысты. Чиныг «Диаспоры осетин: Азербайджан» саразыныл бацархайдтой æртæ авторы. Мамсыраты Камиллæ, Мæрзойты Ислæмбег æмæ Тугъанаты Алан. Фыццаг ирæттæ Азербайджаны æрцардысты революцийы агъоммæ. Паддзахад йæ рæзтыл кусын куы райдыдта, уæд æм Ирыстонæй райдыдтой фылдæр адæм цæуын. Бирæтæн сæ зæрдиаг фæллойы фæрцы бантыст  сæ ном Азербайджаны историйы ныууадзын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania