филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:37 пятница, 05 декабря 2025
02 декабря 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Олимпаг чемпион Андиаты Сосланы номарæн æппæтадæмон турнир хæбысхæстæй

Архайдтой дзы 250 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы алы регионтæй, стæй Канадæйæ, Венгрийæ æмæ Азербайджанæй

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд, 2 хатты Олимпаг чемпион Андиаты Сосланы номарæн æппæтадæмон турнир хæбысхæстæй. Архайдтой дзы 250 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы алы регионтæй, стæй Канадæйæ, Венгрийæ æмæ Азербайджанæй. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы уæнгтæ уыдысты 80 богалы. Дыууæ бонмæ ерыс цыд хæрзиуджыты 10 комплекты рамбулыныл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Спорты галуан «Манеж» æнхъæлмæ кæсгæйæ бамынæг. Бæрæгбоны æнкъарæнтæ, музыкæйы зæлтæ, тыхджын къухæмдзæгъд. Афтæ кадджынæй байгом  2 хатты Олимпаг чемпион  Андиаты Сосланы номыл æппæтадæмон турнир хæбысæйхæстæй. Спортсментæн æмæ сæ фарсхæцджытæн арфæйы ныхæстæ ракодтой Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ физкультурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан. Сæ хъудымæ гæсгæ ацы цау иу кæны фæлтæртæ, фидæны чемпионтæн та у, кæмæ тырной, ахæм уæлвæзад.

Турниры зындгонд спортсмены хиуæттæ. Архайджытæн раарфæ кодта Андиаты Сосланы фырт Георгий. Æхсызгонæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы финалон хæст. Гауызыл Гобаты Артем. Уый хорз цæттæгонд у. Уыд тренировкæгæнæн æмбырдтæ – Кисловодскы æмæ Ирыстоны. Æмæ уыцы куыстæн ис хъæугæ хатдзæг. Артем кæронбæттæны йæ ныхмæлæууæгыл ныфсджынæй фæуæлахиз 11.0 хыгъдæй.  Уый у Андиаты Сосланы номыл арæзт турнирты йæ дыккаг сызгъæрин майдан. Фарон дæр дзы архайдта æмæ уæд дæр рамбылдта 1-аг бынат.

Дæрддæр дæр гауызмæ рацыд ирон скъолайы минæвар Къизинты Дзамболат. Кæронбæттæн ерыстæ вæййынц турниры цымыдисагдæр хай. Ирон богал раздæр хæрд кодта 3:2 хыгъдæй. Фæлæ йæ цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад фæбæрæг сты фæстаг уысмты. Йæ бон баци хъæугæ баллтæ бакусын æмæ фæуæлахиз 5:3 хыгъдæй.

Турнир фыццаг хатт сси æппæтадæмон: йæ архайджытæ систы Азербайджаны, Канадæйы æмæ Венгрийы минæвæрттæ. Ирон скъолайы уæнгтæ уыдысты 80. Республикæйы хæзнадон сызгъæрин майданæй фæхъæздыгдæр кодта ноджыдæр ма иу тыхджын богал – Найфонты Артур. Уый æнцонæй абырста йæ ныхмæлæууæджы æмæ ма иу хатт фæбæлвырд кодта, бæстæйы иугонд командæйы раздзог кæй у, уый. Уæлахиздзаутæн бацæттæ кодтой кубоктæ, майдантæ, æхцайы сертификаттæ. Турниры сæйраг приз та уыд машинæ. Андиаты Сосланы спортивон фæндаг абон дæр у дæнцæг богæлттæн, тренертæн æмæ спортуарзджытæн. 2 хатты Олимпаг чемпионы ном æнусты цæрдзæн хъæбысæйхæцджыты, стæй Ирыстоны цæрджыты зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania