филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:05 вторник, 16 декабря 2025
02 октября 2025, 10:35
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд рухстауæн форум «Зонындзинæдтæ. Паддзахад»

Форум сси ахадгæ фæз, федералон экспертты æмæ регионалон специалистты хсæн фæлтæрддзинад парахат кæнынæн

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд рухстауæн форум «Зонындзинæдтæ. Паддзахад», сæрмагондæй педагогтæн æмæ æвзарæн процесс аразджытæн. Форум сси ахадгæ фæз, федералон экспертты æмæ регионалон специалистты хсæн фæлтæрддзинад парахат кæнынæн. Мадзал баиу кодта ахуырады системæйы разамонджыты, регионалон программæ «Ирыстоны Намысы» архайджыты æмæ республикæйы æвзарæн къамисы кусджыты. Форумы архайдтой участокты æмæ территориалон æвзарæн къамисты 150 уæнджы. Фыццаг сесси арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы. Уым традицион хæзнаты тыххæй лекци бакаст Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы сæрдары фыццаг хæдивæг. Дыккаг сессийы программæйы та форумы архайджытæ æрныхас кодтой æхсæнады цæстæнгасыл æмæ æууæнкдзинадыл æвзарæн системæмæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania