филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:51 среда, 17 декабря 2025
15 июня 2021, 14:31
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд шахмæттæй турнир дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты хсæн

Ерыстæ баст уыдысты журнал «Ирæф»-ы юбилейимæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд шахмæттæй турнир дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты хсæн. Ерыстæ баст уыдысты журнал «Ирæф»-ы юбилейимæ. 12 архайæджы, æмæ æрмæстдæр иу уæлахиздзау. Турнирæн уыди хицæн системæ. Уый æххæст кæнгæйæ, кæрæдзиимæ фембæлыны фадат уыд алкæмæн дæр. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, шахмæттæ сты интеллектуалон хъазтыл нымад, журналистикæ та у интеллектуалон дæсныйад. Уымæ гæсгæ ерыстæн равзæрстой спорты ацы хуыз. Уазджыты хсæн уыдысты хæххон паддзахадон аграрон университеты профессортæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania