11 ноября 2025, 11:04
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд спортивон туризмæй республикон чемпионат
Ахæм ерыстæ Цæгат Ирыстоны уыдысты фыццаг хатт
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд спортивон туризмæй республикон чемпионат. Ахæм ерыстæ Цæгат Ирыстоны уыдысты фыццаг хатт. Велосипедисттæн бацæттæ кодтой дыууæ къæпхæны. Фыццаг бон спортсментæ æххæст кодтой алыхуызон элементтæ. Дыккаг къæпхæны та уыд туристон триал. Уый ацыд Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты. Маршруты дæргъ уыд 500 метры. Ахсджиаг уыд тагъд ацæуын, уыимæ æнæ ивартæй. Уымæн æмæ уыдоны тыххæй тæрхонгæнджытæ æфтыдтой уæлæмхасæн 15 секунды. Чемпионаты архайдтой алы кары велосипедисттæ Æмтгæй райсгæйæ – 16 адæймаджы. Æппæты кæстæрыл цыди 8 азы, хистæрыл та 43 азы. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ерыстæ арæзт æрцыдысты Уæрæсейы туризмы 130 азы кадæн.
темæмæ гæсгæ




