Цæгат Ирыстоны, Краснодары æмæ Стъараполы крайты, Севастополы æмæ Дагестаны командæтæ ерыс кодтой мысан æхсыны 5 хуызæй
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат практикон æхстытæй пневматикон хæцæнгарзæй. Цæгат Ирыстоны, Краснодары æмæ Стъараполы крайты, Севастополы æмæ Дагестаны командæтæ ерыс кодтой мысан æхсыны 5 хуызæй. Чи разынди тыхджындæр æмæ арæхстджындæр, уый базоныныл бацархайдта нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан, æмæ йын ныхасы бар.
Хъантемыраты Виктория мысан æхсыны спорты хуызы архайы ныр æхсæз азы. Уыцы мгъуыдмæ рамбылдта республикон чемпионатты æмæ æппæтуæрæсеон турнирты. Фæлæ ахæм æмвæзады ерысты йæ тыхтæ фæлвары фыццаг хатт. Фæлæ йæм уæддæр уæлахизмæ тырнындзинад уыди.
Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты архайынмæ ссыдысты æхсай дыууæ адæймаджы 5 регионæй. Архайджыты адих кодтой цалдæр къордыл: æхсæрдæс азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ, æхсæрдæсæй – дыууын азы онг юниортæ æмæ хистæр кары спортсментæ. Хицæн разряд уыд сылгоймæгтæм. Ерыс цыди бæрзонд æмвæзадыл. Бирæтæн фадат радтой канд сæ тыхтæ бавзарынæн нæ, фæлæ ма ног зонындзинæдтæ райсынæн дæр.
Ерысты алы архайæг дæр хъуамæ сæххæст кодтаид аст фæлтæрæны. Фæлæ уæлахизæн æрмæст мысан акъуырын нæ хъуыди. Ахсджиаг уыд хиуыл хæцын æмæ мысан æхсыны размæ уæлдай змæлд ма кæнын.
Пневматикон хæцæнгарзæй практикон æхстытæ нымад у æрыгон спорты хуызыл. Фæлæ фæстаг рæстæг кæны парахатдæр. Уыимæ канд нæ республикæйы нæ, фæлæ нæ бæстæйы иннæ регионты дæр.
Цæгат Ирыстонæй архайджытæ турниры рамбылдтой фондз сызгъæрин майданы алы кары категориты. Хъантемыраты Виктория, Алиса Погосянц, Хъуыдаккаты Зауырбег, Хъантемыраты Максим æмæ Бедойты Арсен разындысты бирæ тыхджындæр сæ ныхмæлæуджытæй. Дыууæ сызгъæрин майданы ма хистæр кары къорды рамбылдтой Стъараполы крайы минæвæрттæ.




