филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:52 понедельник, 16 сентября 2024
29 августа 2024, 11:51
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цхуырбаты Гурамы номарæн æппæтадæмон турнир футболæй

200 æрыгон архайæджы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Краснодары крайæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй ерыс кодтой призтæ рамбулыныл

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Советон Цæдисы иугонд командæйы уæнг Цхуырбаты Гурамы номарæн æппæтадæмон турнир футболæй. 200 æрыгон архайæджы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Краснодары крайæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй ерыс кодтой призтæ рамбулыныл. Номарæн турнирæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.

Футболистты цымыдисаг хъазт æмæ трибунæты бадæг адæмы хъæр. Футболон клуб «Омега»-имæ Курганинскæй ссыдысты дæсгай фарсхæсджытæ. Клубы хъахъхъъæнæг Иван Шестопалов 6 азы размæ райдыдта футболæй хъазын. Йæ мысинæгтæм гæсгæ, йæ хоимæ, уынджы цæугæйæ, федта хъусынгæнинаг, къордмæ лæппуты кæй исынц, уый. Иван уайтагъд бауарзта футбол. Кæд нырма æрыгон у , уæддæр иу æмæ дыууæ турниры нæ архайдта. Уыимæ суанг федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæмты дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæнмæ нысан кæны тенировкæтæм цæуын йæ фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæнынæн.

Футболон клуб «Омега»-йы тренер Виталий Максимовы ныхæстæм гæсгæ, турнирмæ куыд æмбæлы, афтæ нæ бацæттæ кодтой. Командæ æрæджы архайдта æндæр ерысты Краснодары крайы. Фæлæ сæ уый нæ бахъыгдардта сæхи къорды фыццаг бынатæй рахизын  финалы цыппæрæм хаймæ.  Клуб «Омега»-йы къæбицы ис 5 очкойы, рамбылдта 2 матчы, иуы та фæци хæрæгсаст. Виталий Максимов куыд загъта, уымæ гæсгæ Цхуырбаты Гурамы номыл æппæтадæмон турнир сæмбырд кодта тыхджын командæтæ. Хъазын у зын, уымæ гæсгæ – цымыдисаг. Лæппутæ барынц сæ тыхтæ, афтæмæй хъæздыгдæр кæны сæ фæлтæрддзинад.

Цхуырбаты Гурамы номыл æппæтадæмон турниры архайдтой 200 лæппуйæ фылдæр. Æдæппæтæй – 12 командæйы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Краснодары крайæ æмæ Хуссар Федералон зылды æндæр рæттæй. Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæнынц 5 командæйы. Футболисттæ куыд бафиппайдтой, уымæ гæсгæ сын сæ райгуырæн зæххыл хъазын æнцондæр у – æхсызгон сын у сæ фарсхæцджыты æнувыддзинад.

Турнир райдыдта æрæджы. Ныр цæуынц фæстаг къордты хъæзтытæ æмæ финалы цыппæрæм хæйттæ. Архайджытæ сты 2013 азы гуырд лæппутæ. Финансон æххуыс бакодта меценат Цхуырбаты Инал. Ацы лæппутæн турнир хорз фадат дæтты нæ бæстæйы  футболисттимæ базонгæ уæвынæн.

Цхуырбаты Гурамы номыл æппæтадæмон турнир арæзт æрцыд цыппæрæм хатт. Финалон хъæзтытæ сты разæй. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ майдантæ райсдзысты спорты ветеранты къухтæй. Турнир у советон рæстæджы футболист Цхуырбаты Гурамы мысæн мадзал. Хъахъхъæнæг Советон Цæдисы чемпион сси Тбилисийы «Динамо»-йы хъазгæйæ. Уымæй уæлдай ма, Советон Цæдисы иугонд командæимæ архайдта Олимпаг хъæзтыты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania