08 января 2026, 13:09
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цыппурсы турнир шашкæтæй сывæллæтты хсæн
Архайдтой дзы 48-æм скъолайы 10 ахуырдзауы
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цыппурсы турнир шашкæтæй сывæллæтты хсæн. Архайдтой дзы 48-æм скъолайы 10 ахуырдзауы. Ерыстæ ацыдысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы Штабы. Æвзонг спортсменты турнирмæ цæттæ кодта дунейы æртæ хатты чемпион шашкæтæй Дриаты Руслан. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджынгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй, кубоктæй æмæ зынаргъ призтæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ шашкæтæй турнир у традицион. Арæзт фæцæуы рæстæгæй-рæстæгмæ æхсæнадон æххуысы Штабы. Сæйраг нысан – рæзгæ фæлтæрмæ спортмæ уарзондзинад гуырын кæнын æмæ интеллектуалон ерыстæ парахат кæнын.
темæмæ гæсгæ




