12 декабря 2019, 13:14
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди адæмон поэт Цæрукъаты Алыксандры номарæн изæр
Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 101 аз
Гæздæнты Гайтойы номыл республикæйы фæсивæдон библиотекæйы арæзт æрцыди адæмон поэт Цæрукъаты Алыксандры номарæн изæр. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 101 аз. Кæсæн залы сæмбырд бирæ адæм, ЦИПУ-йы ирон факультеты студенттæ æмæ 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ, фысджытæ, Дзæуджыхъæуы æхсæнады минæвæрттæ, стæй Цæрукъаты Алыксандры хиуæттæ. Фыссæджы раздæры æмкусджытæ радзырдтой сæ мысинæгтæ, бакастысты æмдзæвгæтæ, стæй дзуæппытæ радтой поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй фæрстытæн. Номарæн изæрмæ бацæттæ кодтой хуызистыты æмæ видеопрезентацитæ, чингуыты равдыст æмæ Алыксандры тыххæй литературон-критикон монографитæ.
темæмæ гæсгæ




