Боны фæткы сæйраг фарста УФ-йы Æхсæнадон палатæйы ног хыгъдмæ регионæй делегат равзарын
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди республикæйы Æхсæнадон палатæйы æвдæм сконды дыккаг пленарон æмбырд. Боны фæткы сæйраг фарста УФ-йы Æхсæнадон палатæйы ног хыгъдмæ регионæй делегат равзарын. Хъæлæстæн сæ фылдæр хай райста нациты хсæн æхсæнадон змæлд «Наша Осетия»-йы сæрдар Лагкуты Вячеслав. Палатæйы ныртæккæйы хыгъды ахсы нациты æмæ динты хсæн ахастдзинæдтæ нывыл кæныны комитеты сæрдары хæдивæджы бынат. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Лагкуты Вячеслав УФ-йы Æхсæнадон палатæйы уæнг у æртыккаг хатт. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, алы азты Цæгат Ирыстоны минæвар УФ-йы Æхсæнадон палатæйы уыдысты Стъараполы æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Феофан, Тускъаты Таймураз, Кучиты Зауыр æмæ Бокоты Эльбрус.




