Баст сты æппæтадæмон къласы спорты мастер Годжиаты Владимиры ном ссарынимæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты Æппæтуæрæсеон ерыстæ фехтованийæ шпагæтыл. Баст сты æппæтадæмон къласы спорты мастер Годжиаты Владимиры ном ссарынимæ. Мадзал арæзт æрцыд, паддзахадон программæ «Уæрæсейы спорт» æххæст кæнгæйæ. Ерысты архайынц Уæрæсейы Федерацийы 300 спортсменæй фылдæр. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъды ис 30 спортсмены. Знон уал ерыс кодтой, 21 азы онг юниортæ. Абон æмæ райсом та сæ арæхстдзинад равдисдзысты 24 азы онг спортсментæ. Ерыстæ райдайынц 10 сахатыл тхеквондойы Галуаны. Номарæн турнир саразæг сты физкультурæ æмæ спорты Министрад стæй Цæгат Ирыстоны фехтованийы Федераци. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ кубоктæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Годжиаты Владимир уыд фехтованийы фыццаг ирыстойнаг мастертæй иу. Альберт Григоряны хъомылгæнинаг иттæг дæсны зыдта фехтованийы техникæ. Æртæ хатты йын бантыст Æппæтуæрæсеон чемпионат рамбулын, æртæ хатты Уæрæсейы Советон федеративон социалистон республикæйы чемпионат. Æртæ хатты та сси Советон Цæдисы ерысты призер. 1965-æм азы сси дунейы чемпионаты æвзист призер.




