филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 воскресенье, 01 февраля 2026
31 мая 2023, 11:52
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хæйтты ахуыртæ

Тыхджындæрты ном райсыныл ерыс кодтой 18 командæйы минæвæрттæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хæйтты ахуыртæ. Тыхджындæрты ном райсыныл ерыс кодтой 18 командæйы минæвæрттæ. Уæвгæ, ахæм ерыстæ фадат дæттынц ацы дæсныйады хуыздæрты раиртасынæн, стæй профессионалон зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынæн. Уымæй дарддæр психологон æмæ спортивон æмвæзад фæуæлдæр кæнынæн. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ хуыздæрыл нымад æрцыд Дзæуджыхъæуы 17-æм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы командæ. Уый нæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты. Уыдзысты июны Дзæуджыхъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania