23 мая 2025, 11:14
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты зынгсирвæзтыты ныхмæ æмæ ирвæзынгæнæн спортæй ерыстæ Æннæхъæлæджы уавæрты министрады дæлхайæдты хсæн
Архайдтой дзы 18 командæйы, æдæппæтæй 100 адæймагæй фылдæр
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты зынгсирвæзтыты ныхмæ æмæ ирвæзынгæнæн спортæй ерыстæ Æннæхъæлæджы уавæрты министрады дæлхайæдты хсæн. Архайдтой дзы 18 командæйы, æдæппæтæй 100 адæймагæй фылдæр. Ерыстæ цæуынц 3 къæпхæнæй: асинтыл тагъд схизын, 100 метры дæргъы цæлхдурты сæрты ахизын, стæй æмхæццæ эстафетæ. Техникон хатдзæгтæ нымад цæуынц алы архайæгæн дæр хицæнæй, стæй уæд командæйы хыгъды. Æнæнхъæлæджы уавæрты ерыстæ арæзт æрцыдысты зынгсирвæзтыты ныхмæ-ирвæзынгæнæн 17-æм хайады стадионы. Уæлахиздзау командæ нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Сæйраг Управленийы кад хъахъхъæндзæн ерысты Цæгат Кавказы федералон зылды къæпхæны.
темæмæ гæсгæ




