филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
28 октября 2022, 11:21
Дзæуджыхъæуы аразынц рейдтæ маршрутон такситыл

Бæрæг кæнынц куысты фæтк чи не ххæст кæны, ахæм закъонхалæг шофырты

Дзæуджыхъæу транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитет Адæмон фронты регионалон æххæсткомимæ иумæ рейдтæ аразынц горæты маршрутон такситыл. Бæрæг кæнынц куысты фæтк чи не ххæст кæны, ахæм закъонхалæг шофырты. Рейды семæ уыди не сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Къостайы проспекты æрлæууæн бынаты алкæддæр вæййы бирæ адæм. Чидæр тагъд кæны йæ куыстмæ, чидæр та – ахуырмæ. Ацы рæстæг маршруткæмæ фенхъæлмæ кæсынц 30 адæймагæй фылдæр. Райсомæй иуæй – иу шофырты цыды хсæн вæййы 4 минутæй 6 минуты онг, иуæй – иутæ та домæнтæ не ххæст кæнынц.  Транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы, адæмон фронты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ рабæрæг кодтой, цавæр рæстæгмæ цæуынц маршруткæтæ æмæ сбæрæг кæнынц домæнтæ чи не ххæст кæны, уыдоны. Кусынц, горæты бæлццæттæ æппæтæй фылдæр цы æрлæууæн бынæтты вæййынц, уыцы 8 бынаты. Афтæмæй специалисттæн ис фадат сæвзæрд хъуыддагæн аккаг аргъ скæнын. 

Рейды хатдзæгтæм гæсгæ хуыздæр маршруттæй иу у 22-æм. Райсомæй, адæм бирæ куы вæййынц, уæд софыртæ фæцæуынц хъæугæ рæстæгмæ. Фæндагмæ рацæуыны размæ софыртæм æркæсы дохтыр, транспортмæ та – механик. Маршруткæйы хицæуттæм профилон ведомствæмæ ис иу курдиат – машинæты бынат сног кæнын. Кæд бирæтæ аргъ систой, уæддæр 22-æм маршрут кæны 20 сомы.

Барадон гæххæттыты фæнд кæнынц ныффидар кæнын регламент, софыртæ хъуамæ кæмæ гæсгæ цæуой, уый. Уымæй уæлдай ма цæттæ у сæ куыстмæ цæстдард цы проектмæ гæсгæ уыдзæн, уый. Ома, домæнтæ æххæстгонд куы нæ уой, уæд административон хуызы уыдзысты иваргонд.

Ведомствæтæ æмгуыст фæкæнынц алы мæй дæр. Скæнынц мониторингтæ. Транспорт æмæ фæндаггонд инфраструктурæйы комитеты кусджыты хатдзæгтæм гæсгæ кæнынц профилактикон ныхæстæ софыртимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania