Æлборты Аслан æмæ Виталий сæ куысты 30 азы дæргъы пайда кæнынц рагон техникæтæй
Дзæуджыхъæуы аразынц скифты æмæ сæрмæтты рæстæгæй æмбал кæмæн нæй, ахæм дзаумæттæ. Æлборты Аслан æмæ Виталий сæ куысты 30 азы дæргъы пайда кæнынц рагон техникæтæй. Æрæджы æрмдæснытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.
Кадджын мыггагæй скифаг чызджы дарæс, фæзынд Æлборты *фсымæрты коллекцийы. Йæ алы хай дæр у æрмадзы лæмбынæг æмæ дæргъвæтин куысты хатдзæг.
Историйыл дзурæг лыстæг куыст. Цымæ чи уыд, ахæм дарæс чи дардта, уыцы сылгоймаг? Йæ аивгæнæнтæ дæр хуымæтæг не сты. Алы орнамент дæр – йæхи нысаниуæгимæ.
Æлборты Аслан æмæ Виталий Ирыстоны истори хъахъхъæнынц 30 азæй фылдæр. Сæ коллекцийы алы экспонат дæр баст у археологон сгæрстытимæ.
Рацарæзты размæ æрмдæснытæ скæнынц егъау иртасæн куыст, уый фæстæ бавналынц эскизтæм. Уникалон объекттæ скæнынц сæхи къухтæй. Афтæмæй равдисæн ис историон бæлвырддзинад. Ахæм хæцæнгарзмæ бахæлæг кодтаид алы скифаг æфсæддон дæр, йæ дарæс та йын йæхиуыл абарстаид сæ раздзог дæр.
Æрмдæснытæ арæхстджынæй пайда кæнынц алыхуызон æрмæгæй, фылдæр – æрдзон. Хъæдæрмæг, сæрак, стæг, сыкъатæ æмæ æфсæйнагæй рауайы экспонаттæ. Алкæцыйæдæр дзы пайдагæнæн ис – æмæ уый у коллекцийы хицæндзинад.
Æрмадзы æрмæст рагон заманты æфсæддонты хæцæнгæрзтæ нæ аразынц. Бирæ азты лæвар ахуыр кæнынц, сакралон сусæгдзинæдтæ базонын кæй фæнды, уыдоны. Адæммæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнын ацы зын æмæ лыстæг куысты æрмдæснытæ нымайынц ахсджиаг хъуыддагыл.
Æлборты хæцæнгарз аразджыты нæмттæ зындгонд сты æрмæст Ирыстоны нæ. Аслан æмæ Виталийы куыстытæй аивгонд сты бирæ хæдзæрттæ. Æрмдæснытæ цæттæ кæнынц дарæс алыхуызон кафджыты æмæ театралон къордтæн. Йæ фыд æмæ фыды *фсымæры хуызæн курдиатджын у Виталийы фырт Ацæмæз дæр. У – нывгæнг . Скифты-сæрмæтты культурæ æвдисы нывкæнынады. Йæ куыстыты *хсæн ис Нарты каджыты хъайтарты сурæттæ дæр.
Æлборты æрмдæснытæ цы экспонаттыл бакуыстой, уыдонæй иумæйагæй рауаид æцæг скифты-сæрмæтты æфсад. Видео йыл сисын уыдзæн, Æлборты мыггаджы курдиатджын минæвæрттæ царды рауадзын кæй фæнд кæнынц, ахæм ног проект. Цыбыр кинонывыл бакусын рагæй у сæ бæллиц. Уымæй уæлдай ма, фидæнмæ нысан кæнынц сæ коллекци æфсæддонты ног дарæсæй фæхъæздыгдæр кæнын.
Æрмадз бабæрæг кæнын йæ бон у, истори цымыдисаг кæмæн у, ахæм адæмæн. Æрмдæснытæ уарзынц истори. Æбæрæг тых сæ алы бон дæр æрбахоны æрмадзмæ. Сахатгай дзы фæкусынц. Цы саразынц, уыцы дзауматæ дисы *фтауынц иу хатт сæ чи фены, уыдоны. Æлборты æрмдæсныты нысан у культурæ хъахъхъæнын æмæ йæ æрыгон фæлтæртæм хæссын




