Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ дзы райдыдтой уæлæмхасæн арæзтад амайын
Рагон бæстыхайы 70 азы истори. Дзæуджыхъæуы астæу æртæуæладзыгон цæрæн хæдзарæн тæссаг у йæ историон хуыз фесафынæй. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ дзы райдыдтой уæлæмхасæн арæзтад амайын. Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ уыдзæн æнæзакъон бæстыхай. Хъуыддаг равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар нæ уацхæссæг Тъехты Элинæйæн.
Бутырины уынджы 16 «А»-йы рагон æртæуæладззыгон хæдзар у Дзæуджыхъæуы фидауцыл нымад. Цæуы йыл 70 азæй фылдæр. Любовь Агапова та ам цæры 34 азы. Сæ цæрæн бынаты æддаг бакаст аивдзæн, уый базыдта, йæ хæдзары цур ын цы сис самадтой, уымæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ фатермæ хуры рухс хорз нал цæуы æмæ уый аххоссæй къултæ хъуына кæнын райдыдтой.
Сылгоймаг зæгъы, регионалон программæ æххæст кæнгæйæ сын сæ хæдзар бындуронæй сцалцæг кодтой, фæлæ ныр дызæрдыг кæны – уыцы ног арæзтады фæстæ, сæ хæдзар æдасдзинады, зынгсирвæзты æмæ санитарон домæнтæн дзуапп кæй нал дæтдзæн, ууыл. Цæмæй йын йæ фарста алыг кæной, уый тыххæй курдиæттæ ныффыста æппæт паддзахадон оргæнтæм æмæ алкæмæй дæр иста иу дзуапп – уыцы зæххыл уæлæмхасæн арæзтадæн уæвæн нæй.
Бирæфатерон хæдзары кæрты ис дидинджыты бынат дæр. Фæлæ ныр, бирæ азты цы магнолияйыл цæуы, уый хъыгдары ног амад къул. Кæд ын йе рдæг аирвæзын кодтой, уæддыр ын йæ рæсугъддзинад фенæн ис зындзинæдты фæстæ.
Фæлæ ног амад агъуысты хицау Джериаты Светланæ куыд зæгъы, афтæмæй куыстыты размæ сыхæгтæй се ппæтæй дæр бар райста. Гæххæттытæ дæр цæттæ кæны, фæлæ цалынмæ не срæвдз сты, уæдмæ амайын райдыдтой.
Джериаты Светланæ: «Æрæджы сфæнд кодтам нæ фатермæ иу агъуыст бафтауын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хицауадæн дæр æй загътам, фæлæ нæ гæххæттытæ цæттæ нæма сты. Архайæм, цæмæй нын срæвдз уой. Нæ куыстытæ куы нæм а райдыдтам, уæд сыхæгты сеппæты дæр бафарстам. Иууылдæр разыйы сдзуапп радтой, не мкъул чи цæры, уымæй фæстæмæ.»
Хæдзары кæрты ног агъуысттæ канд Джериаты бинонтæ нæ сарæзтой, фæлæ сыхæгтæй дæр бирæтæ. Æцæг æмгъуыдæй раздæр.
Административон-техникон инспекцийы минæвæрттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй официалон æгъдауæй уым амайæн ницы ис.
Бады Алан, Дзæуджыхъæуы административон-техникон управленийы хицауы хæстæ æххæстгæнæг: «Бутыринæйы уынджы цæрджытæ нæм бахъаст кодтой сæ уынджы агъуыст кæй амайыц, уый тыххæй. Нæ кусджытæ уыцы бынатмæ ацыдысты, æркастысты хъуыддæгтæм, æмæ сбæлвырд кодтой, агъуыст æнæ гæххæттытæй амад кæй цæуы, уый. Рафыстой сын протокол æмæ сын радтой рæстæг. Рæстæг куырацыд, уæд нæ кусджытæ бацæттæ кодтой гæххæттытæ судмæ дæттынмæ».
Уый нæ хынцæгæйæ, уæлæмхасæн арæзтад цæмæй закъоны бындурыл уа, уымæн гæнæн ис. Æрмæст тæрхондоны уылты. Уый тыххæй та фатерты хицæутты хъæуы гæххæттытæ æрæмбырд кæнын, æмæ курдиат бадæттын.




