филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
15 марта 2023, 12:06
Дзæуджыхъæуы ацы бонты цæуынц аивадон киноныв «Командир»-ы съемкæтæ

Кинойы æвдыст цæуы зындгонд операци «Гром»-ы цауты хронологи. 1988-æм азы горæт Орджоникидзейы террористтæ бацахстой автобус сывæллæттимæ

«Командир» – афтæ хуыйны Дзæуджыхъæуы ацы бонты цы аивадон кинонывы съемкæтæ цæуынц, уый. Кинойы æвдыст цæуы зындгонд операци «Гром»-ы цауты хронологи. 1988-æм азы горæт Орджоникидзейы террористтæ бацахстой автобус сывæллæттимæ. Фыдгæнджытимæ уæд ныхас кодта сывæллæтты суæгъд кæныны операцийы разамонæг – уæды мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Бæтæгаты Таймураз. Кинойы йын йæ сурæт сарæзта Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Фидараты Сослан. 35 азы размæ террористты къухтæй бантыст сабиты суæгъд кæнын. Съемкæтæ кæм цæуынц, уыцы фæз бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Нырыккон Дзæуджыхъæу рæстæгмæ сси 80-йæм азты Орджоникидзе. Ам ис Центрон Комитеты бæстыхай сырх тырысаимæ, кæй атардтой, уыцы ЛАЗ, Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты сау волгæ æмæ уæды рæстæджы милицæйы бур машинæтæ. Абон сæйраг хæс у 88-æм азы цаутæ куыд уыдысты, афтæмæй равдисын. Уæд, 35 азы размæ террористтæ бацахстой скъоладзаутимæ автобус. Фыдгæнджытæн сæ къухы нæ бафтыд сæ фыдракæнд сæххæст кæнын. Дзæуджыхъæуы исынц, уыцы кинонывмæ хаст чи рцæудзæн, ахæм сценæтæ. Кинонывы сæргонд «Командир». Террористтæ сценаримæ гæсгæ амынæтыуæвджытимæ автобус батардтой Сæрибары фæзмæ. Ацы цауты рæстæг фыдгæнджытимæ ныхас кодта уæды Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг Бæтæгаты Таймураз. Ныртæккæ у юстицийы инæлар-майор отставкæйы. Йæ фæлгонц ын кинойы æвдисы Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Фидараты Сослан. Куыд зæгъы, афтæмæй уæд йæхæдæг дæр уыди сывæллон, фæлæ уæддæр хорз хъуыды кæны уыцы цаутæ. Сурæт саразынмæ йæхи бацæттæ кодта Бæтæгаты Таймуразимæ йæхиимæ аныхас кæныны фæстæ.

Киноныв у Советон Цæдисы паддзахадон æдасдзинады комитеты къорд «Альфа»-йы æмæ йæ разамонæг Советон Цæдисы хъæбатыр Геннадий Зайцевы куыстыл. Операци «Гром»-ы рæстæг сæ раст æмæ профессионалон архайды фæрцы амынæты уæвджыты се ппæты дæр суæгъд кодтой, æмæ дзы мæрдтæ нæ уыди. Режиссер-æвæрæг, Александр Гурьянов зæгъы, сывæллæтты амынæты райсынимæ эпизод кинойы у сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу. Фæлæ бæлвырддзинæдтæ нæ раргом кодта.

Бутаты Марат уыди, амынæты кæй райстой, уыдоны хсæн. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы цау у æрмæст йæхиуыл æй чи банкъардта, уыдоны нæ, фæлæ республикæйы историйы иу хай. Марат йæхæдæг, стæй йæ раздæры æмкъласонтæ дæр зæрдиагæй архайынц киноисæн фæзы.

80-йæм азы рæстæг æрмæст машинæтæй нæ зыны. Бæстонæй бакуыстой актерты уæлæдарæсыл, алцыдæр дзы дзурæг у 35 азы размæйы цардыуагыл. Сывæллæттæ Советон скъолайы формæйы æмæ сырх галстукты. Барадхъахъхъæнджыты фæлгонц, дзыллон сценæтæ, иу ныхасæй алцыдæр дзуапп дæтты уыцы азты модæйæн. Алы актеры уæлæдарæс дæр схонæн ис ивгъуыд æнусы портрет.

Дзæуджыхъæуы сфæлдыстадон къордæн ис 5 фæлтæры. Кино исыны сценæтыл куыст фæуыдзæн 20-æм мартъийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania