филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 пятница, 27 июня 2025
28 февраля 2025, 10:40
Дзæуджыхъæуы ацыд документалон киноныв «Самсон»-ы премьерон равдыст

Дзуры, чырыстон аргъуаны къултыл дзуары нывтæ чи фыста, уыцы Мæрзойты Самсоны цард æмæ сфæлдыстадыл

Дзæуджыхъæуы ацыд документалон киноныв «Самсон»-ы премьерон равдыст. Дзуры, чырыстон аргъуаны къултыл дзуары нывтæ чи фыста, уыцы Мæрзойты Самсоны цард æмæ сфæлдыстадыл. Сæрмагонд бынат дзы ахсынц бинонты *хсæн ахастдзинæдтæ. Режиссер у Золойты Фатимæ, сценарийы автор Сихъоты Зæлинæ. Генералон продюсер Петр Павлов. Ног сфæлдыстадон куысты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ацы истори хуымæтæг адæймаджы тыххæй нæу. Цыбыр киноныв «Самсон»-ы æвдыст цæуы дзуæртты нывтæ фыссæджы тыххæй.  Мæрзойты Самсон ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы  дины  академийы дзуæртты нывтæ фыссыны скъоламæ. Йæ æрмдзæф ис бирæ аргъуанты къултыл.  Уыдоны *хсæн – Беслæны скъолайы теракты рæстæг йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы адæмы ном мысынæн цы аргъуан сарæзтой, уый. Дзуæртты нывтæ фыссæджы цард йæ зæрдæмæ хæстæг айста режиссер Золойты Фатимæ. Уый фæндæй ист æрцыд ацы цыбыр киноныв.

Кинонывы æвдыст цæуынц Мæрзойты Самсонæн æрмæст йæ профессионалон миниуджытæ нæ. У бирæсывæллонджын фыд. Йæ бинойнагимæ хъомыл кæнынц 6 чызджы æмæ лæппуйы. Бинонтæ цæрынц самандур хæдзары, хæххон царды зындзинæдтæ æвзаргæйæ. Самсон – бинонты ныфс, йæ кæстæрты зæрдæты æвзæрын кæны уарзондзинад аивадмæ æмæ Хуыцаумæ.  Цыбыр киноныв «Самсон»-ы æхгæд равдыст Дзæуджыхъæуы кинотеатртæй иуы залы сæмбырд кодта бирæ киноуарзджыты. Се *хсæн уыдысты культурæйы къабазы минæвæрттæ, Самсоны хиуæттæ, сауджынтæ. Кинонывæн стыр аргъ скодта хъайтар йæхæдæг.

«Самсон» ист æрцыд регионалон кинематографийы фонды æххуысæй. Тагъд рæстæг киноныв архайдзæн бæстæйы кадджындæр кинофестивалы. Уый фæстæ йæ премьерæ æвдыст цæудзæн телеуынынадæй, фенæн æй уыдзæн кинотеатрты дæр.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania