Республикæйы алы районтæй фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдыстой дунейы адæмты хъæзтытæй
Дзæуджыхъæуы ацыд фæсивæдон фестиваль адаптивон спортивон хъæзтытæм гæсгæ, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы *хсæн. Республикæйы алы районтæй фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдыстой дунейы адæмты хъæзтытæй.
Æцæг азарт æмæ командон иудзинад. Ам алчидæр æвдисы – гæнæнтæ æгæрон сты. Хъуыддагыл ацы фæсивæд иннæтæй ницæмæй хицæн кæнынц. Сты зонынуарзаг æмæ цыргъзонд, стæй уарзынц стъолыл хъæзтытæй хазын.
Джакколо, шаффлборд, корнхол… Ацы хъæзтытæ фæсивæд рагæй уарзынц. Уыдонæй сæ хъарутæ бавзæрстой проект культурон-зонадон туризм йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæдæн «Открывай Аланию»-мæ гæсгæ. Æххæстгонд цæуы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентады грантон æххуысы фæрцы.
Æрмæст спортивон нæ, фæлæ сфæлдыстадон хъæзтытæ дæр. Ацы фæсивæдæй бирæтæ сæхи фæлварынц артистты хуызы. Чидæр цæгъды синтезаторыл, чидæр аив кæсы æмдзæвгæтæ, иннæтæ та дисы æфтауынц сæ вокалæй.
Æхгæдæй нæ, фæлæ æххæст æмæ цымыдисаг цардæй цæрын. Уый у фыццаградон нысан. Йæ сæххæст кæнынæн æххуыс кæнынц ныййарджытæ æмæ сын сæ уды хъарм æнæвгъауæй чи лæвар кæны, ахæм зæрдæхæлар адæм.
Ацы адæм æрвылбон тох кæнынц ирдæй æмæ иннæты хуызæн цæрыныл. Æмæ кæд уый æнцон нæу, уæддæр ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн алцыдæр кæнынц.