филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:57 воскресенье, 01 февраля 2026
12 июля 2022, 10:30
Дзæуджыхъæуы ацыд легендарон тæхæджы Бедойты Русланы кадæн альбомы презентаци

Зындгонд æфсæддон йæ цардæй ахицæн дыууæ азы размæ

«Хæстон-интернационалист Бедойты Руслан». Дзæуджыхъæуы ацыд легендарон тæхæджы кадæн кæй бацæттæ кодтой, уыцы альбомы презентаци. Зындгонд æфсæддон йæ цардæй ахицæн дыууæ азы размæ. Фæлæ йæ адæм хъуыды кæнынц æмæ йын стыр аргъ кæнынц, адæмы сæраппонд цы хæрзты бацыд, уыдоны тыххæй. Руслан йæ райгуырæн бæстæ уарзта æгæрон уарзтæй, уымæ гæсгæ йын йæ хорздзинадыл архайдта йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ. Йе ппæт сгуыхтдзинæдтæ ныр ирдæй зынынц иллюстрацигонд рауагъды. Рухс федта Адæмон фронты акивистты хъæппæрисæй. Чиныджы бæстонæй фыст сты зындгонд æхсæнадон архайæджы, авиацийы инæлар-майоры цард æмæ цаутæ. Райгуырд 1947-æм азы, 12-æм апрелы, Рахизфарсы районы Сунжæйы. 30 азæй фылдæр снывонд кодта арвы тыгъдадæн, курсантæй райдай æмæ Прикарпатьейы æфсæддон зылды авиацийы хицауæй фæуы. Бедойты Руслан дыууæ хатты сæххæст кодта йæ интернационалон хæс, хъахъхъæдта Египеты æмæ Йемены арв. Йе фсæддон хæрзты тыххæй хорзæхгонд æрцыди бирæ ордентæй æмæ майдантæй, се хсæн «Æфсæддон тыхты Фыдыбæстæйæн службæйы орден».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania