Виолæ Цæгат Ирыстоны у иунæг адæймаг, преми «Сызгъæрин маскæ»-йы аккаг чи сси
Дзæуджыхъæуы ацыд театр «Арвайдæн»-ы бындурæвæрæг Ходы Виолæйы тыххæй æмбырдгонды презентаци. Курдиатджын режиссеры цымыдисаг цард Ирыстоны цæрджытæн æмæ æппæт дунейæн балæвар кодта, национ аивады æвæстиатæй бæрæг дарын чи райдыдта, ахæм театр «Арвайдæн». Бындур æвæрд ын æрцыди 1999-æм азы. Ууыл афæдз куы рацыди, уæд театры фыццаг постановкæ ацыд Шотландийы фестивалы. 2001-æм азы Мæскуыйы ацы проекты тыххæй Ходы Виолæ хорзæхонд æрцыди национ театралон преми «Сызгъæрин маскæ», 2003-æм азы та сси УФ-йы Паддзахадон премийы аккаг. Гыццыл фæстæдæр театр «Арвайдæн» аивадуарзджытæн равдыста йæ дыккаг премьерæ – «Нарты сызгъæринтæ», равдыстой йæ Мæскуыйы Стыр театры дæр. Виолæ Цæгат Ирыстоны у иунæг адæймаг, преми «Сызгъæрин маскæ»-йы аккаг чи сси. Уый йын йæ куыст сæвæрдта нæ рæстæджы сæйрагдæр театралон æнтыстыты æмрæнхъ. 12-æм мартъийы Ходы Виолæйы райгуырдыл сæххæст 50 азы.




