филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:32 четверг, 19 июня 2025
05 июня 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы ацыд Цæгат – Кавказы федералон зылды ахуырады рæзты фарстаты фæдыл фыццаг æмбырд

Видеоконференцийы хуызы се ппæт архайджытæн дæр арфæ ракодта Уæрæсейы рухстауынады министр Сергей Кравцов

Дзæуджыхъæуы ацыд Цæгат – Кавказы федералон зылды ахуырады рæзты фарстаты фæдыл фыццаг æмбырд. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды ахуырады æмæ наукæйы министр, педагогон уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ, сыхаг регионты профилон ахуырадон организациты минæвæрттæ. Видеоконференцийы хуызы се ппæт архайджытæн дæр арфæ ракодта Уæрæсейы рухстауынады министр Сергей Кравцов. Пленарон æмбырды фæлгæты уазджытæ æрдзырдтой иумæйаг паддзахадон политикæйы фарстатыл, иумæйаг ахуырадон процессы хицæндзинæдтыл, Цæгат Ирыстоны ахуырады системæйы хæрзхъæддзинад фæуæлдæр кæныныл. Ныхас цыди компаниты къорд «Рухстауынад»-ы архайдыл дæр. Уымæй уæлдай, æмгуыстады бадзырд фыст æрцыди республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады æмæ ахуырады мадзæлтты комплексы институты хсæн. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионы ахуырады системæйы рæзтæн гæнæн нæ уыдаид æнæ федералон центры ахадгæ æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania