филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 понедельник, 15 декабря 2025
09 августа 2025, 10:37
Дзæуджыхъæуы ацыд УФ-йы гражданины фыццаг паспорттæ дæттыны кадджын мадзал

Сæ сæйраг документтæ райстой 18 адæймаджы

Дзæуджыхъæуы ацыд УФ-йы гражданины фыццаг паспорттæ дæттыны кадджын мадзал. Сæ сæйраг документтæ райстой 18 адæймаджы. Ацы ахсджиаг цауы фæдыл фæсивæдæн арфæ ракодтой Уæрæсейы Федералон сконды Паддзахадон Думæйы депутат, олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау Таймазты Артур, æмæ Цæгат Ирыстоны парламенты депутат, «Фыццæгты Зæлд»-ы регионалон хайады советы сæрдар Саулохты Сæрмæт. Мадзал арæзт æрцыди æппæтуæрæсеон акци «Мах стæм Уæрæсейы граждæнтæ» æххæстгæнгæйæ æмæ баст уыди физкультурникы бонимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania