Донбассæй чи ссыди, уыцы адæмæн алывæрсыг æххуыс бакæнын æмæ Владимир Путины хъæппæрис сæрмагонд æфсæддон операци скæныны фарс рахæцын
Донбассæй чи ссыди, уыцы адæмæн алывæрсыг æххуыс бакæнын æмæ Владимир Путины хъæппæрис сæрмагонд æфсæддон операци скæныны фарс рахæцын. Ахæм уынаффæ хаст æрцыди Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы æнæрадон æмбырды. Горæты разамынды, национ æхсæнадты, патриотон организациты, æмæ сфæлдыстадон иугæндты минæвæрттæ æрныхас кодтой фæстаг бонты ахсджиаг темæтыл. Æмбырды архайджытæ бахастой цалдæр хъæппæрисы, Донецкы æмæ Лугансы адæмон республикæты цæрджытæн баххуыс кæныны тыххæй. Карзæй тох кæнын хъæуы, интернеты цы мæнг информаци парахатгонд цæуы, уый ныхмæ. Уымæй уæлдай, бахастой Уæрæсейы æфсады æмæ Президенты фарс рахæцыны митинг саразыны фæндон.




