филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
15 июня 2020, 16:04
Дзæуджыхъæуы ацыди маршрутон такситы куыстмæ цæсдарды радон рейд

Бæлвырддæр та, бæлццæттæ маршруткæты маскæтæ дарынц, æви нæ, уымæ

Дзæуджыхъæуы ацыди маршрутон такситы куыстмæ цæсдарды радон рейд. Бæлвырддæр та, бæлццæттæ маршруткæты маскæтæ дарынц, æви нæ, уымæ. Бæрæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынц Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы, транспорты министрады æмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны инспекцийы уæнгтæ.

Маскæтæй уæлдай ма кæсынц, шофыртæ санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Маскæтæ кæмæ нæ разынди, уыдон сæ лæвæрдтой сæхæдæг. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй маскæтæ дарыны хъуыддагмæ адæм райдыдыдтой бæрнондæр цæстæй кæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania