05 августа 2024, 12:08
Дзæуджыхъæуы ацыдысты «Гæбуты Ангелинæйы Кубок» рамбулыны ерыстæ теннисæй
Турниры архайдтой, 13 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ категори 1″А»-йы
Дзæуджыхъæуы спорты академи «Асгард»-ы ацыдысты «Гæбуты Ангелинæйы Кубок» рамбулыны ерыстæ теннисæй. Турниры архайдтой, 13 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ категори 1″А»-йы. 120 æрыгон спортсмены нæ республикæмæ ссыдысты Уæрæсейы 20 регионæй. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, се ппæт дæр равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ бæрæггæнæнтæ. Турнир сæхгæныны æмæ уæлахиздзаутæн кад кæныны мадзæлттæ ацыдысты фæлладуадзæн бонты. Турнир саразджытæ ацы ерыстæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.
темæмæ гæсгæ




