филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 суббота, 18 мая 2024
06 февраля 2023, 11:32
Дзæуджыхъæуы ацыдысты Хъуымыхъхъаг театры гастрольтæ

Ирон академионтеатры сценæйы Дагестанæй уазджытæ равдыстой Федерико Гарсия Лоркæйы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Тугæйдзаг чындзæхсæв»

Дзæуджыхъæуы ацыдысты Хъуымыхъхъаг театры гастрольтæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры сценæйы Дагестанæй уазджытæ равдыстой испайнаг драматург Федерико Гарсия Лоркæйы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Тугæйдзаг чындзæхсæв». Спектаклыл куыста Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон къорд. Сæ разамонæг – Уалыты Гиви. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Уалыты Гивийæн ацы пьесæ уæлдай уарзондæр у, уымæн æмæ куыд режиссер, афтæ фыццаг хатт «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ыл бакуыста. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Нывы ис цавæрдæр æнахуырдзинæдтæ. Æнæгуырысхойæ дзы ис Андалузияйы фæд, цигайнаг мифологиимæ. Нæмттæ дзы нæй. Ис дзы æрмæстдæр мад, усгур, чындз, сыхаг, æххуысгæнæг. Æмæ дзы æрмæстдæр иуæн ис ном – Леонардо.

Истори зæронд у дунейы хуызæн. Чындзæхсæвы бон чындз алыгъди йæ уарзон Леонардоимæ. Сæ фæдыл ацыд усгур дæр. Нæлгоймæгтæ кæрæдзийы амардтой. Трагеди «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ыл автор куыста 4 азы. Кæд царды кæрæдзийы хæцæнгарзæй амардтой, уæд пьесæйы та кардæй. Сценæйы райдайæн дæр æвдыст цæуы карды темæ. Мад йæ цардæмбал æмæ хистæр фырты фесæфта карды аххосагæй æмæ ныр тæрсы йæ кæстæр фыртæн дæр. 

Шекспиры пьесæ актуалон у абон дæр. Сæйраг хъайтар, Хъуымыхъхъаг театры артист Арсен Исаев  куыд зæгъы, афтæмæй режиссеры хуынды фæрцы ацы уацмысмæ æркаст æндæр цæстæй. Уалыты Гиви равдыста сылгоймаджы æмæ йе нкъарæнтæ.

Актеры хъуыдыимæ ирон театры аивадон разамонæг разы у. Сылгоймагæн ис æнкъарæнтæ. Хъæуы йæ бауадзын, цы сфæнд кодта, уый саразын. Фæлæ фыццаджыдæр хъæуы Федерико ГарсИа Лорка цы сурæт сарæзта, уый равдисын.

Уацмысы хъайтартыл куы ахъуыды кæнай, уæд дзы, зæгъæн ис, æмæ сæйрагдæр сты адæмы мондæгтæ. Аккаг аргъ ын скодта хореограф-æвæрæг Суанты Валерий дæр. Хъуымыхъхъаг театры директор куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæндыд, цæмæй сæрмагондæй Уалыты Гиви бакуыстаид йæ артисттимæ. Дагестаны ацы равдыст тынг фæцыд сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ ныр фæндыд фенын, Ирыстоны йыл куыд бакуыстой, уый.

Кæй зæгъын æй хъæуы, аивадуарзджытæ равдыст сæ зæрдæтæм тынг хæстæг айстой. Куыд æй арæзтой, уый куы зонай, уæд та бынтон цымыдисаг вæййы.

Автор йæ пьесæйы ирдæй вдисы адæмы миддуне æмæ мондæгтæ. Кæд сæ хатгай басудзынц, уæддæр сыл сразы вæййынц, цæмæй та, куыд фæзæгъынц, ногæй райгуырой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania