филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:23 вторник, 16 декабря 2025
05 августа 2024, 12:08
Дзæуджыхъæуы авиацион-спортивон клубы уæнгты иу кæны арвмæ уарзондзинад æмæ ныфсхастдзинад

Æнтыстджынæй æххæст кæнынц, Советон Цæдисы дуджы бындур цы традицитæн æвæрд æрцыд, уыдон

Тæссаг хъуыдыты сæрты ахизынæн, хъæуы сæ размæ цæуын. Ацы хъуыдыйыл хæст сты парашютисттæ. Алы гæпп дæр – æцæг сгуыхтдзинад. Дзæуджыхъæуы авиацион-спортивон клубы уæнгты иу кæны арвмæ уарзондзинад æмæ ныфсхастдзинад. Æнтыстджынæй æххæст кæнынц, Советон Цæдисы дуджы бындур цы традицитæн æвæрд æрцыд, уыдон. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фæстаг цæттæгæнæн мадзæлттæ æмæ æфсæнцъиу йæ базыртæ араст кодта. Бортыл – парашютисттæ. Фæлтæрдджын, æмæ ацы хъуыддаджы нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон. Се *хсæн Ольга Захраны хъомылгæнинæгтæ дæр. 2 азы размæ сылгоймаг йæ сæйраг тæссаг хъуыдыты сæрты ахызт æмæ æргæпп кодта парашютимæ. Йæ хыгъды ис 12 гæппы. Алкæцыдæр ын у – йæхи уæлахиз. Ацы хатт цæфы тыххæй йæ хъомылгæнинæгтæм Ольгæ кæсы зæххæй. Фæлæ йæ хъуыдытæ сты семæ – уæлдæфы.

Уæлдæфон фæлварæн ацæуынц æппæтæй ныфсхастдæртæ. Дзæуджыхъæуы авиацион-спортивон клубы сын чысыл гæнæнтæ нæй. Хæдхъом гæппытæ парашютимæ, планертыл æмæ хæдтæхæгтыл тæхтытæ. Ам скрижальтыл æрмæст иу уагæвæрд фыст ис – бæлвырд æххæст кæнын инструкцитæ.

Уæлдæфон хъуыддаджы бындуртыл ахуыр кæнынц кæй фæнды, уыдоны се *ппæты дæр. Ныртæккæ клубы кусы 4 инструкторы. Цæттæ кæнынц парашютистты. Сæхи бафæлварын у, 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн дæр. Хъæуы ныййарджыты официалон барлæвæрд. Республикæйы иунæг æмæ Советон Цæдисы зæронддæр авиаклубтæй иу æнтыстджынæй æххæст кæны бындурон традицитæ.

Аэроклубы кусджытæн арв у – 5-æм фурд. Ацы æгæрон тыгъдады сын ис хи æгъдæуттæ æмæ нысантæ. Зæгъæм, парашют æфснайын хъæуы йемæ зæрдæбын ныхасгæнгæйæ. Адæймаджы цардыл дзургæйæ, алы лыстæг хъуыддагæн дæр ис нысаниуæг.

Тæхын æви ма тæхын – алчидæр йæхæдæг æвзары. Хъæбатырты номхыгъд чи баххæст кæны, уыдон фæсмон нæ фæкæнынц, уымæн райсынц, ницæимæ абаргæ уæлмонц æнкъарæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania