филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:04 четверг, 05 июня 2025
31 мая 2025, 10:17
Дзæуджыхъæуы байгом Æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлд «Æнæниз Фыдыбæстæ»-йы регионалон хайад

Æнæниз цардыуаг парахат кæнын æмæ спорты райрæзтыл кусын у организацийы сæйраг хæстæй иу

Фидар удыхъæд æмæ æнæниз цардыуаг. Дзæуджыхъæуы байгом Æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлд «Æнæниз Фыдыбæстæ»-йы регионалон хайад. Æнæниз цардыуаг парахат кæнын æмæ спорты райрæзтыл кусын у организацийы сæйраг хæстæй иу. Змæлд иу кæны Уæрæсейы мингай адæмты. «Æнæниз Фыдыбæстæ»-йæн бындур æвæрд æрцыди 2021-æм азы, уæдæй нырмæ къæпхæнгай йæ хайæдтæ гом кæнынц бæстæйы æппæт субъектты. Регионты ныридæгæн ис 50 минæварады. Æхсæнады уæнгтæ æххæссынц алыхуызон акцитыл, гуманитарон куыстыл, уæлдайдæр та, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы чи ис, уыдонæн æххуыс кæныныл, хицæн хъуыддæгты кæнынц комкоммæ æххуыс дæр. Æнæниз фæлтæр хъомыл кæнын, уыимæ сæм фидар удыхъæд гуырын кæнын, змæлды активисттæй алчидæр йæ хæсыл нымайы. Мадзалы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй амæй фæстæмæ змæлды хайад Цæгат Ирыстоны бындурыл кусдзæн æппынæдзух.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania