Хаст æм æрцыд 150 куыстæй фылдæр
Нывкæнынад, графикæ, æрмдæсныйад. Дзæуджыхъæуы байгом аивадон равдыст «Прикосновение». Хаст æм æрцыд 150 куыстæй фылдæр. Сæ автортæ сты нывкæнынады æмæ æрмдæсныйады хайады методисттæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Нывкæнынады æмæ æрмдæсныйады баиу сты æппæтæй зындгонддæр приемтæ æмæ техникæтæ. Аивадон равдыст «Прикосновение»-мæ нывгæнджытæ Милена Тунина æмæ Цоколаты Екатеринæ бахастой сæ хуыздæр куыстытæ. Æххæст сты уды сыгъдæгдзинадæй.
Нывкæнынады æмæ æрмдæсныйады хайады раззагдæр методистты 150 куыстæй фылдæр. Алкæмæндæр сæ ис йæхи æрмдзæф. Равдыстмæ цы куыстытæ хаст æрцыд, уыдон ссардтой фæндаг адæмы зæрдæтæм. Æмæ хуымæтæджы нæ. Милена Тунина куыд зæгъы, афтæмæй йе сфæлдыстады æдзухдæр фæтырны йæ зæрдæйы ахаст равдисынмæ. Æмæ уый æнтыстджынæй йæ къухы æфты. Миленæйы уацмыстæ сты алыхуызон. Натюрморттæ, пейзажтæ, портреттæ. Адæмы ахæммынц нывгæнæджы сфæлдыстадон дунемæ.
Аивадуарзджытæ стыр аргъ скодтой æрмдæсныйады дзаумæттæн дæр. Цоколаты Екатеринæйæн адæмон сфæлдыстад тынг цымыдисаг у, уымæ гæсгæ йæ куыстыты ирдæй зыны национ колорит. Равдыстмæ хаст æрцыдысты куыд декоративон предметтæ, афтæ ирон кæлмæрæзæнтæ, сæрбæттæнтæ, басылыхъхътæ, къухсæрфæнтæ, худтæ æмæ куклатæ дæр. Æрмдæсныйы куыстытæ сты адæмон аивад хъахъхъæныны æмæ рæзын кæныны дæнцæг.
Равдысты аивадуарзджыты сбуц кодтой концертон программæйæ дæр. Фæндырдзæгъдджыты цагъд æмæ Цоколаты Екатеринæ цы композицитæ акодта, уыдон адæмы зæрдæтæ барухс кодтой.
Аивадон равдыст «Прикосновение» ирд æнкъарæнтæ балæвар кодта куыд аивадуарзджытæн, афтæ сфæлдыстадон архайджытæн дæр. Сæ цымыдисаг уацмыстæй чызджытæн бантыст адæмы зæрдæтыл андзæвын.
