29 декабря 2023, 11:50
Дзæуджыхъæуы байгом Дзиуаты Земфирæйы авторон куклаты равдыст
Экспозицимæ хаст æрцыдысты канд йæхи куыстытæ нæ, фæлæ ма йæ хъомылгæнинæгты куыстытæ дæр
«Ног азы аргъæутттæ». Дзæуджыхъæуы байгом Дзиуаты Земфирæйы авторон куклаты равдыст. Экспозицимæ хаст æрцыдысты канд йæхи куыстытæ нæ, фæлæ ма йæ хъомылгæнинæгты куыстытæ дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм хуызы мастер йæ уацмыстæ равæрдта фыццаг хатт. Алæмæты тæваг банкъарыны фадат ис нывгæнæджы æрмадзы. Аргъæутты персонажтæ, æндæр цымыдисаг сурæттæ раст цыма аивадуарзджыты цæстыты раз райгас вæййынц, афтæ. Дзиуаты Земфирæ, куклатæ аразгæйæ, архайы бæстон æмæ бæлвырд. Уæвгæ, равдысты се ппæт куыстытæ не сты. Фæлæ ацы экспозици фенæн уыдзæн 15-æм январы онг.
